Top.Mail.Ru
Абон 80 азы сæххæст уыдаид зындгонд ирыстойнаг актер, режиссер Дзиуаты Анатолийыл Выпуск 28 мая 2026 года
Абон 80 азы сæххæст уыдаид зындгонд ирыстойнаг актер, режиссер Дзиуаты Анатолийыл. Йæ курдиаты фæрцы фæндаг ссардта мингай аивадуарзджыты зæрдæтæм. Каст фæци Мæскуыйы театралон аивады паддзахадон институт, æмæ сыздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ. Кинойы æмæ театры рольтæй дарддæр ма историйы баззад куыд фыццаг бæхты драмон театр "Нартæ" саразæг. Йæ цардæй ахицæн 10 азы размæ. 2024-æм азæй фæстæмæ та бæхты театр хæссы йæ ном. Дзиуаты Анатолийы цардвæндаджы тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски