Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты Выпуск 16 мая 2026 года
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры схорзæхджын кодтой æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы лауреатты. Ацы аз къамис æркаст 29 куыстмæ 6 номинацимæ гæсгæ. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Радта сын дипломтæ æмæ премитæ. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ, номинаци «Мыхуыры æрмæджыты» фæуæлахиз Будайты Милуся. «Телеуынынады æрмæджыты» - Хуыбылты Жаннæ, «Интернет рауагъдадты æрмæджытæй» хуыздæрыл банымадтой Хъоцты Альбинæйы куыст, номинаци «Афæдзы темæ»-йы та – Джусойты Нинæйы æрмæг. Лауреатты хсæн сты нæ телерадиокомпанийы кусджытæ дæр. Афтæ «Радиоæрмæджыты» номинацийы преми саккаг кодтой звукорежиссер Газайты Зойæйæн, номинаци «Хабæртты репортаж»-ы та уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæйæн. Ирон æвзаджы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй арфæйы гæххæт лæвæрд æрцыд Кировы районы газет "Размæ"-йæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ республикон преми «Мæ уарзон Ирыстон» нысангонд æрцыд 2019-æм азы. Ныридæгæн йæ лауреаттæ систы Цæгат Ирыстоны 40 журналисты.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски