Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты парламентты хсæн фыццаг форум Выпуск 30 мая 2026 года
"Иудзинады æмæ хæлардзинады фæндæгтæй". Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты парламентты хсæн фыццаг форум. Архайдтой дзы цæгатирыстойнаг депутатты корпус æмæ Кæсæг-Балхъары закъонæвæрджыты делегаци. Кадджын уазджыты хсæн - зындгонд советон æмæ уæрæсейаг паддзазадон архайæг Дзасохты Алыксандр, Кæсæг-Балхъары коммунистон партийы комитеты секретарь Борис Зумакулов. Форумы уазджытæн бацæттæ кодтой адæмон æрмдæсныйады экспозици, хуызистыты равдыст. Фембæлды бæрæгбоны хай байгом кодта театралон миниатюрæ спектакль "Хæхты минæвæрттæ"-й. Уымæй дарддæр ма уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой адæмон кафты ансамблы артисттæ. Нæ республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймуразæн  Кæсæг-Балхъары парламенты номæй радтой Кады гæххæт. Форум баст уыд Уæрæсейы адæмты иудзинады азимæ. Нысантæм гæсгæ ахæм мадзæлттæ арæзт цæудзысты æндæр регионтимæ дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски