Top.Mail.Ru
Ивгъуыд къуыри республикæйы нысангонд æрцыд 115 фыдракæнды Выпуск 19 мая 2026 года
Ивгъуыд къуыри республикæйы нысангонд æрцыд 115 фыдракæнды. Уыдонæй 62 раргом кодтой. Уыдис 49 фæндаггон фыдбылзы. Хъыгдард дзы баййæфтой 9 адæймаджы. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Ныхас цыд къæвдадæттæ æмбырдгæнæн канализацитыл. Сергей Меняйло бахæс кодта, хызтæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрадмæ радтын, стæй ведомствæимæ иумæ кусын фæндæгты арæзтады проекттыл, сæрмагондæй къæвдатты æмбырдгæнæнты фарстайы фæдыл, цæмæй уынгтæ æмæ хæдзæрттæ донæй ма дзаг кæной. Ахуырады æмæ наукæйы министрад фехъусын кодта, кæй фæвæййы иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм æмæ сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ цæттæгæнæн куыст. Сергей Меняйло дзуапдæттæг ведомствæтæн бабар кодта сæрдыгон лагерьты уавæр сбæлвырд кæнын, стæй, Туапсейы рдæм денджызы былгæроны бæсты, сывæллæтты æндæр дзæбæхгæнæн бынæттæм арвитыныл бацархайын. Фæндæгты хæдзарады комитетæн республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта фæахадгæдæр кæнын фæндæгтæ дарыны куыст.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски