Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы штабы фыццаг æмбырд, Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæм цæстдарды фæдыл Выпуск 26 июня 2026 года
Дзæуджыхъæуы уыд Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы штабы фыццаг æмбырд, Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæм цæстдарды фæдыл. Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой Уæрæсейы Паддзахадон думæйы IX-æм æмбырды æвзарæн кампанийы фарстатыл. æхсæнадон палатæйы рдыгæй цæудзæн бæстон цæстдард æппæт къæпхæнтæм. Райдай кандидатты гæххæттытæ бадæттынæй æмæ фæуы хъæлæс кæныны хатдзæгтæй. Уæлдай æргом здæхт цæудзæн æхсæнадон цæстдарджытæм. Республикæйы фæнд кæнынц мин адæймагмæ хæстæг бацæттæ кæнын. Уыдон кусдзысты 319 æвзарæн участочы æмæ 10 территориалон æвзарæн къамисы. Уымæй дарддæр æвзарæн кампанийы рæстæг арæзт цæудзысты экспертты форумтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон думæмæ депутатты æвзардзысты хъæлæс кæныны иумæйаг бонты - 18-æмæй - 20-æм сентябры онг.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски