Top.Mail.Ru
Республикæйы разамонæг Лæгдзинады ордентæ радта сæрмагонд æфсæддон операцийы æдзард архайджыты бинонтæн Выпуск 26 июня 2026 года
Республикæйы разамонæг Лæгдзинады ордентæ радта сæрмагонд æфсæддон операцийы æдзард архайджыты бинонтæн. УФ-йы Президенты указмæ гæсгæ æфсæддонтæ хорзæхгонд æрцыдысты сæ амалæты фæстæ. Сергей Меняйло хæстонты бинонтæн ракодта тæфæрфæс, куыд фæнысан кодта, афтæмæй не мзæххон хъæбатыртæ баззайдзысты Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны историйы. Регионы сæргълæууæг ма загъта, æфсæддонты бинонтæн алывæрсыг æххуыс кæй цæудзæн Цæгат Ирыстоны разамынды рдыгæй. Хæрзиуджытæ раттыны кадджын мадзалы архайдтой РЦИ-А æфсæддон комиссар Владимир Скоморох, фæллойы æмæ социалон рæзты министр Абайты Юрий, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны паддзахадон фонды филиалы разамонæг Хетæгкаты Маринæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски