Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Сергей Меняйло фембæлд ахуырадон семинары архайджытимæ Выпуск 20 мая 2026 года
Сергей Меняйло фембæлд ахуырадон семинары архайджытимæ. Ацы бонты цæуы Пятигорскы, зонындзинæдты Центр "Машук"-ы. Семинары ахуырадон программæйы сты фæсивæды нырыккон царды фарстатæ, Уæрæсейы традицион хæзнатæ. Уымæй дарддæр равдыстой киноныв "Рæстдзинады фæндагыл". Дзурæг у Цæгат Ирыстонæй рацæугæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй. Алкæмæндæр фадат уыд сæ фæрстытæ раттынæн. Кæронбæттæны Сергей Меняйлойы арфæйы фыстæджытæ райстой центр "Машук"-ы ахуырадон архайды департаменты хицау Екатерина Хан, центр Машукы директоры хæстæ æххæстгæнæг Дмитрий Садко, документалон кинонывы продюсер Ольга Кашина-Засеты æмæ проекты автор Анна Захарян.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски