Top.Mail.Ru
Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд Калоты Хазбийы номарæн изæр Выпуск 12 мая 2026 года
Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд Калоты Хазбийы номарæн изæр. Ацы бонты йæ райгуырдыл сæххæст 105 азы. Мадзал саразджытæ бацæттæ кодтой музейы фондæй æрмæджытæ: æмдзæвгæты æмæ пьесæты къухфыстытæ иронау æмæ уырыссагау, бинонты архивæй хуызистытæ, поэты хи дзаумæттæ. Литературон изæры архайдтой Хазбийы хæстæджытæ, стæй республикæйы сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. 108-æм танкты бригады командæгæнæг Калоты Хазби фæмард Курскы къæлæты тохы. Хъæбатырыл цыди æрмæстдæр 21 аз. Ныгæд æрцыд Курскы облæсты хъæу Красная Полянайы. Йæ уацмыстæ хицæн кæнынц фыдыбæстæмæ уарзондзинадæй æмæ национ традицитæ æмбарынадæй. Ныртæккæйы рæстæджы дæр сты ахадгæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски