Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты парчы зонæйы байгом кодтой Чекистты Аллейæ Выпуск 22 декабря 2023 года
Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты парчы зонæйы байгом кодтой Чекистты Аллейæ. Фæлладуадзæн бынат, куыд фæзæгъынц, йæ хуыз скалдта. Фæз ныссыгъдæг кодтой, ныссагътой дзы бæлæстæ æмæ алыхуызон къутæртæ, къахвæндæгтæ дзы скодтой лыстæггонд доломитæй. Ацы аллейæ горæтæн балæвар кодта æдасдзинады федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайад. Территорийы æвæрд æрцыди службæйы эмблемæимæ обелиск.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски