Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы ирон æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ йæ райрæзтыл куыст Выпуск 28 августа 2026 года
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы ирон æвзаг бахъахъхъæныныл æмæ йæ райрæзтыл  куыст. Ирон æвзаг æмæ литературæйæ 32 ахуыргæнæн чиныджы хаст æрцыдысты федералон номхыгъдмæ, республикæйы скъолатæм та лæвæрд цæуы 52 мин ног чиныджы. Ууыл дзырдтой ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырды. Ахуырадон фонд ахæм егъау хуызы ноггонд нæ уыди бирæ азты. Стыр æргом дзы здæхт цæуы скъолайы агъоммæйы ахуырадмæ. Рæвдауæндæттæ ифтонг кæнынц ирон æвзагыл аивадон литературæйæ æмæ мадæлон æвзагыл чи дзуры, ахæм хъазæнтæй. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг бынат ахсы ирон æвзаджы рæзты Центр, бындур æвæрд ын æрцыди республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Ацы хъуыддаджы алцыдæр баст у, цæмæй ирон æвзагмæ разæнгарддзинад лæвæрд цæуа фидæны фæлтæртæм.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1017 выпусков
Выпуски