Top.Mail.Ru
Эфир от 11.05.2026 Выпуск 11 мая 2026 года
Еу анзæй иннемæ цæмæдессаг дæр, еу хаттæй иннемæ нæуаргун дæр фæууй Ирæфи райони Хæзнидони гъæуи, сæ фурттæмæ æнгъæлмæ кæсгæ ка байзадæй цæргæбонти, уоци ниййергути кадæн ци мадзал " Поклонимся Матери солдата" арæзт æрцæуй, е. 9-аг хатт Хæзнидонмæ, уоци ниййергути кадæн æвæрд монументти размæ, æрбамбурд унцæ Цæгат Иристони районтæ, æма синхаг республикити минæвæрттæ. Парти "Еугонд Уæрæсе"-й æхсæнадон æнхуси штаби арæзт æрцудæй шахмæттæй турнир "Уæлахези цуд". Турнири архайдтонцæ Сергей Карякини номбæл шахмæтти скъолай ахурдзаутæ, удта сæрмагонд æфсæддон операций архайгути сувæллæнттæ.