Top.Mail.Ru
Эфир от 20.10.2025 Выпуск 20 октября 2025 года
Цæгат Иристони сæргълæууæг Сергей Меняйли унаффæмæ гæсгæ резервон фондæй радех кодтонцæ фæрæзнитæ сувæллæнтти рæвдауæндæнттæ ирон æвзагбæл аййевадон литературæй банхæст кæнунæн фиццаг хатт. Адæмон фронты активисттæ Ирæфи райони саразтонцæ мониторинг фельдшерон-акушерон пункттæн æма амбулаторитæн. Уавæр æй фæйнæхузи. Цæмæдæр гæсгæ Хæзнидони амбулатори æнæ цæстдардæй байзадæй, æй кæлæддзаг уавæри. Куд ис бæрæг æй , уотемæй си бундорон цалцæг нисангонд æй 2027-аг анзмæ.