Top.Mail.Ru
Стадион "Динамо"-йы арæзт æрцыдысты "Хъæлдзæг старттæ" Выпуск 17 декабря 2024 года
Æрвылазон спортивон ерысты архайдтой æдасдзинады оргæнты кусджыты сывæллæттæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кодтой алыхуызон эстафетæты: къахдзоныгътыл бырынæй, спортивон кусæнгæрзтимæ дугъ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр хызтысты цæлхдурты сæрты. Уыцы ерыс хуынди “Штурм”. Зæгъын хъæуы уый, æмæ "Хъæлдзæг старттæ" рæзгæ фæлтæры æмхиц кæнынц æнæниз цардыуагмæ, стæй ма сæм гуырын кæнынц патриотизмы æнкъарæнтæ. Æппæт архайджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ зынаргъ призтæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 965 выпусков
Выпуски