Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Тускъаты Таймураз фембæлд сфæлдыстадон цæдисты разамонджытимæ Выпуск 05 декабря 2023 года
Парламенты сæрдар  Тускъаты Таймураз фембæлд сфæлдыстадон цæдисты разамонджытимæ. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой культурæйы къабазыл æмæ сæ хъуыдытæ загътой йæ райрæзты тыххæй. Сæ хъæппæристæ æмæ цæстæнгастæ разындысты алыхуызон. Фæлæ иууылдæр баст сты иумæйаг нысан сæххæст кæнынимæ – Цæгат Ирыстоны ацы къабазы райрæзт. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй ам сæйрагдæр у, чи нæм ис, уыцы гæнæнтæй раст спайда кæнын æмæ традицитæ ма рох кæнын.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски