Top.Mail.Ru
Эфир от 04.07.2022 Выпуск 04 июля 2022 года
Бёллеццаг гъуддаг. Чиколамё бацёуёни фёззиндтёй дессаги аййев фёлладуадзён ёма зёрдёбёлдарён бунат. Байгом си ёй Уёлахези Парк. Йё бацёуёни ба арёзт ёрцудёй Намуси Аллея. Федёни фёлтёртёбёл гъуди кёнгёй. Цёмёй кёстёртёмё, фиддёлти истори цёстуингё ёрмёги хузи хъёрта, уобёл зёрдиуагёй куст цёуй Дигоргоми Къумбулти гъёуи. Ё цёрёнбунёттё есунцё сё раздёри хузё. Республики театралон аивадти музейи фёууинён ес, Сёбанти Снежкина Инесси номбёл равдист.